Районон конгрессы ног программӕ
Ацы дунейы фӕнды, цӕмӕй нӕ уырна, ацы цардӕвӕрд ӕнустӕм кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ нын Хуыцауы Ныхас афтӕ нӕ дзуры (1 Иоан. 2:15–17). Библи нын ӕмбарын кӕны, зӕххыл «хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнын» дзӕгъӕлы кӕй у. Цӕмӕй Хуыцауы адӕмы тыхыл тых бафта, уый тыххӕй 2007 лӕггады азы районон конгрессы дзырд цӕудзӕн ахӕм темӕйыл: «Хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты» (Матф. 6:19, 20, НД).
Цардмӕ мулчы цӕстӕй кӕсын цӕуы, Ефесӕгтӕм 2:2 цы зондахасты кой кӕны, уымӕй – «уӕлдӕфы хицауиуӕггӕнӕг ӕлдары уды фӕндонӕй, ныр ныхмӕлӕуджыты фыртты мидӕг [чи] архайы», уымӕй. Ӕнӕуи уӕлдӕф алы ран дӕр куыд ис ӕмӕ йӕ куыд улӕфӕм, афтӕ «ацы дунейы зондахаст» ацы цардӕвӕрды алы ран дӕр хъары (1 Кор. 2:12, НД). Йе ’ндӕвдад тынг тыхджын кӕй у, Библийы дӕр уымӕ гӕсгӕ ис фыст, хицауиуӕг кӕны, зӕгъгӕ. Районон конгрессы ног программӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цардмӕ мулчы цӕстӕй ма кӕсӕм ӕмӕ нын сӕйрагдӕр цы у, уый алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм (Матф. 6:33). Уымӕй уӕлдай ма нын конгресс баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ Иегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм, зындзинӕдтӕ куы ӕвзарӕм, уӕд дӕр.
Бацархай, цӕмӕй иу бон дӕр ма фӕцух кӕнай ӕмӕ «уӕлдай лӕмбынӕг уай» (Дзут. 2:1). Цыбыртӕй фысс, царды ӕмӕ дӕ уацамынды цы хъуыдытӕ бахъӕудзысты, уыдон. Конгрессы хъӕздыг программӕмӕ райдианӕй кӕронмӕ куы байхъусай, уӕд дӕ уый бафидар кӕндзӕн ӕмӕ дӕ сразӕнгард кӕндзӕн дарддӕр дӕр хӕзнатӕ уӕлӕрвты ӕмбырд кӕнынмӕ!