Дарддӕр дӕр сын ӕххуыс кӕн Хуыцауы базонынӕн
1 Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд арӕх фембӕлӕм, ӕндӕр ранӕй чи ӕрцыд кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл, уыимӕ ма къухӕй амонгӕ ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕмыл. Йе та Библийыл кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдон, гӕнӕн ис, ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ ацӕуой. Цы ис саразӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауимӕ зонгӕ кӕной? Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн бланк «Пожалуйста, позаботься о том, чтобы подходящий возвещатель посетил этого человека» (S-70).
2 Адӕм арӕх хорз хабармӕ хуыздӕр байхъусынц сӕ мадӕлон ӕвзагыл (Ап. к. 22:1, 2). Уӕдӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕймагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд фылдӕр хатт фӕхъӕуы уыцы бланк байдзаг кӕнын, кӕд ӕй Паддзахады хабармӕ хъусын нӕ фӕнды, уӕддӕр. Фӕлӕ фӕсарӕйнаг ӕвзагыл дзурӕг адӕм бирӕйӕ кӕм цӕрынц, уым сын сӕхи ӕвзагыл арӕх куы хъусын кӕной, уӕд бланк дзаг кӕнын хъӕуы, исчи сӕ куы цымыдис кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд.
3 Куыд дзаг кӕнын хъӕуы бланк. Уӕзданӕй базон адӕймагӕн йӕ ном, кӕм цӕры ӕмӕ йӕ телефоны номыр. Бланкы ныффысс, адӕймаг куыд тынг бацымыдис кодта, кӕд ӕм ис бацӕуӕн, цавӕр литературӕ йӕм ис кӕнӕ йӕ цы фӕнды райсын, ӕмӕ хуыздӕр цавӕр ӕвзаг ӕмбары. Бланк куы байдзаг кӕнай, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй ратт ӕмбырды секретармӕ, уый та йӕ арвитдзӕн, цы ӕмбырдмӕ кӕнӕ къордмӕ хъӕуа, уырдӕм.
4 Кӕмӕ хъӕуы ӕрвитын бланк. Секретарь куы нӕ зона, бланк кӕцы ӕмбырд кӕнӕ къордмӕ хъӕуы ӕрвитын, йе та йӕм бӕлвырд адрис куы нӕ уа, уӕд йӕ бон у фӕдзурын филиалмӕ, Уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайадмӕ. Ныр бланктӕ горӕты цӕстдарӕджы уылты ӕрвитын нал хъӕуы.
5 Ӕмбырд кӕнӕ къорд куыддӕр бланк «Пожалуйста, позаботься о том, чтобы подходящий возвещатель посетил этого человека» (S-70) райса, афтӕ адӕймаджы ӕвӕстиатӕй бабӕрӕг кӕндзысты. Кӕд махӕй цы кӕнгӕ у, уый бӕстон кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс уыдзӕн, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн» ис, уыдонӕн Иегъовӕ сӕ зӕрдӕтӕ кӕй бакӕндзӕн (Ап. к. 13:48, НД).